Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Фарстатӕ дӕттут

Фарстатӕ дӕттут

Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаг циндзинад хӕсса (1Тм 1:11). Хъусын кӕныны хъуыддаджы арӕхстджындӕр куы кӕнӕм, уӕд нӕ циндзинад фылдӕр кӕндзӕн. Фарстаты фӕрцы нӕ бон вӕййы адӕймаджы бацымыдис кӕнын ӕмӕ йемӕ ныхас райдайын. Фарстаты фӕрцы ма адӕймаджы хъуыды кӕнынмӕ баразӕнгард кӕнӕм (Мф 22:41–45). Адӕймагмӕ фарстатӕ куы фӕдӕттӕм ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм (Иак 1:19). Адӕймаджы дзуаппӕй вӕййы бамбарӕн, ныхас куыд ис адарддӕр кӕнӕн.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ХӔССЫ ЦИНДЗИНАД. АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔНУТ. ФАРСТАТӔ ДӔТТУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Джейдмӕ цавӕр хорз миниуджытӕ уыд?

  • Нитӕйы Джейды зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын кӕй фӕндыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

  • Нитӕ фарстатӕй куыд спайда кодта, цӕмӕй Джейды фылдӕр базонын бафӕндыдаид?

  • Нитӕ Джейды фарстаты фӕрцы хъуыдытыл куыд бафтыдта?