Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар

Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар

Моавы быдырты израилӕгтыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон чырыстӕттӕн сты зонды хос (1Кр 10:6, 8, 11). Израилӕгтӕ моаваг хӕлд ӕмӕ мӕнгхуыцӕттӕн кувӕг сылгоймӕгтимӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитын кӕй райдыдтой, уый сӕ стыр тӕригъӕдтӕм ӕркодта. Уый тыххӕй тынг бирӕ адӕм фӕцагъды сты (Нм 25:9). Мах цӕрӕм, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уыдон сты, зӕгъӕм, не ’мкусджытӕ, нӕ къласӕгтӕ, нӕ сыхӕгтӕ, нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ нӕ зонгӕтӕ. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ лымӕн кӕнын тӕссаг кӕй у, уый израилӕгты хабарӕй куыд зыны?

БАКӔС КИНОНЫВМӔ «ПРЕДОСТЕРЕГАЮЩИЕ ПРИМЕРЫ ДЛЯ СОВРЕМЕННЫХ СЛУЖИТЕЛЕЙ БОГА» (СКЪУЫДДЗАГ) ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Зимри ӕмӕ иннӕтӕ Иаминӕн цы аразын кодтой?

  • Финеес Иаминӕн раст хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн куыд баххуыс кодта?

  • Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймагмӕ хӕларзӕрдӕ уай, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, йемӕ лымӕн кӕнай, уымӕй?

  • Ӕмбӕлттӕ ӕмбырды куы ’взарӕм, уӕддӕр лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

  • Дӕхӕдӕг кӕй нӕ зоныс, ахӕм адӕмимӕ социалон сетьты цавӕрдӕр группӕты уай, уый раст цӕуылнӕ у?