Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Иузӕрдион чи нӕу, уыдоны ма фӕзм

Иузӕрдион чи нӕу, уыдоны ма фӕзм

Корей, Дафан ӕмӕ Авирон Моисейы ныхмӕ рацыдысты, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, адӕмӕн разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы, уый раст нӕу. Ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй не сты. Йегъовӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ, сӕ фарс чи уыд, уыдоны дӕр фесӕфта (Нм 16:26, 27, 31–33). Махӕн та нӕ иузӕрдиондзинад цавӕр уавӕрты фӕцӕуы фӕлвӕрд? Рагзаманты иузӕрдион чи нӕ разынд, уыдонӕй нын кӕй хабӕрттӕ уыдзысты зонды хос?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИУЗӔРДИОН ЧИ НӔ РАЗЫНД, УЫДОНЫ МА ФӔЗМУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Надяйӕн фӕлварӕн цы сси ӕмӕ йын зонды хос кӕй хабар фӕци?

  • Чи рамӕсты, уыцы ӕфсымӕрӕн фӕлварӕн цы сси ӕмӕ йын зонды хос кӕй хабар фӕци?

  • Теренсӕн фӕлварӕн цы сси ӕмӕ йын зонды хос кӕй хабар фӕци?

  • Ӕфсымӕрӕн скъолайы фӕлварӕн цы сси ӕмӕ йын зонды хос кӕй хабар фӕци?