Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Сӕрбӕрзонд ӕмӕ дӕхицӕй ныфсджын ма у

Сӕрбӕрзонд ӕмӕ дӕхицӕй ныфсджын ма у

Корей Моисейы ныхмӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, адӕмӕн разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы, уый раст нӕу (Нм 16:1–3; w11 15/9 27 ф., 12 абз.).

Корей уыд левит, адӕмы ’хсӕн уыд нымад лӕг ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ кадджын хӕстӕ ӕххӕст кодта (Нм 16:8–10; w11 15/9 27 ф., 11 абз.).

Корейӕн раст зондахаст нӕ уыд, ӕмӕ уый ӕркодта ӕвзӕр фӕстиуджытӕм (Нм 16:32, 35).

Кӕд нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цыдӕртӕ бантыст, уӕддӕр хъуамӕ ма ссӕрбӕрзонд уӕм ӕмӕ нӕ ныфс нӕхиуыл дарын ма райдайӕм. Кӕд Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм кӕнӕ ныл кӕд ӕмбырды кадджын хӕстӕ ис, уӕд ноджы сӕрныллӕгдӕр хъуамӕ уӕм.