Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Ӕз дӕн дӕ хай ӕмӕ дӕ бынтӕ»

«Ӕз дӕн дӕ хай ӕмӕ дӕ бынтӕ»

Йегъовӕ сауджынтӕн ӕмӕ левиттӕн сӕ бӕрны тынг ахсджиаг хӕстӕ бакодта (Нм 18:6, 7).

Йегъовӕ левиттӕн бынӕн зӕхх нӕ радта, фӕлӕ сын загъта, йӕхӕдӕг кӕй уыдзӕн сӕ бынтӕ (Нм 18:20, 24; w11 15/9 13 ф., 9 абз.).

Израилӕгтӕ сӕ хорӕй лӕвӕрдтой дӕсӕм хай, цӕмӕй левиттӕн ӕмӕ сауджынтӕн ӕххуыс кодтаиккой (Нм 18:21, 26, 27; w11 15/9 7 ф., 4 абз.).

Йегъовӕ сауджынтӕн ӕмӕ левиттӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый сын кӕй дӕтдзӕн. Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ кӕд мах дӕр нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй ныл батыхсдзӕн, ууыл.