Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иаков йӕ фырттӕн пехуымпарад дзуры

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Йегъовӕ Израилы мыггӕгты ’хсӕн зӕхх куыд адих кодта?

Йегъовӕ Израилы мыггӕгты ’хсӕн зӕхх куыд адих кодта?

Израилӕгтӕ-иу хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй Йегъовӕ разамынд лӕвӕрдта. Хӕлтты фӕрцы, чи зоны, рабӕрӕг, алы мыггагӕн дӕр йӕ зӕхх кӕцы ран уыдзӕн (ЙсН 18:10; it-U «Граница», дӕлсӕргонд «Границы племен Израиля», 2 абз.).

Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй, Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы пехуымпарад загъта, уый сӕххӕст уыдаид (ЙсН 19:1; it-U «Наследство», дӕлсӕргонд «Наследственные владения», 1 абз.).

Йегъовӕ адӕмӕн бар радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтаиккой, алы мыггагмӕ дӕр цӕйас зӕхх ӕрхаудзӕн, уый (ЙсН 19:9; it-U «Граница», дӕлсӕргонд «Границы племен Израиля», 3 абз.).

Йегъовӕ зӕхх мыггӕгты ’хсӕн афтӕ кӕй адих кодта, уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ нӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ нӕ быцӕу кодтой. Йегъовӕ ног дунейы дӕр рӕстӕй кӕй архайдзӕн, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?