Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Йегъовӕйы ӕххуысыл-иу сразы ут. Хуыцаумӕ кувут

Йегъовӕйы ӕххуысыл-иу сразы ут. Хуыцаумӕ кувут

Рӕстдзинад адӕймаджы зӕрдӕйы уидӕгтӕ ауадзы ӕмӕ сырӕзы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы (1Кр 3:6–9). Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй махӕн дӕр ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр ӕххуыс кӕна.

Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдон зындзинӕдты фидар фӕлӕууой (Фп 1:9, 10). Бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй кув. Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых кур, цӕмӕй дын бамбарын кӕна, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын (Лк 11:13). Ахуыр сӕ кӕн Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕн, цӕмӕй-иу ӕм сӕхӕдӕг дӕр кувой. Уыдоны тыххӕй-иу кув, стӕй-иу кув семӕ иумӕ дӕр, сӕ нӕмттӕ-иу дзур, афтӕмӕй.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ХӔССЫ ЦИНДЗИНАД. ЙЕГЪОВӔЙӔ ӔХХУЫС КУРУТ. КУЫВД» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Нитӕ Джейдӕн Библийы ахуыр куы уагъта, уӕд цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлд?

  • 1 Коринфӕгтӕм 3:6 Нитӕйӕн куыд баххуыс кодта?

  • Нитӕ ӕмӕ Джейдӕн цы баххуыс кодта?