ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Фӕлмӕн дзуаппы фӕрцы хъуыддаг банывыл
Иорданы скӕсӕнырдыгӕй цы мыггӕгтӕ цард, уыдон стыр нывондхӕссӕн сарӕзтой (ЙсН 22:10).
Иннӕ мыггӕгтӕ сӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивтой (ЙсН 22:12, 15, 16; w06 1/5 5 ф., 3 абз.).
Кӕй фӕаххосджын кодтой, уыцы мыггӕгтӕ фӕлмӕнӕй дзуапп радтой, ӕмӕ уый фӕрцы сӕхи дӕр ӕмӕ иннӕ мыггӕгты дӕр тугныккалдӕй бахызтой (ЙсН 22:21–30; w08 15/11 18 ф., 5 абз.).
Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, исчи нӕ дзӕгъӕлы куы фӕаххосджын кӕна, уӕд? Хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый куы нӕ зонӕм, уӕд-иу уайтагъд цавӕрдӕр хъуыдымӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕрцӕуӕм? (Ӕм 15:1; 18:13).