ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕс
Халев алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ каст (ЙсН 14:7, 8).
Халев фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн (ЙсН 14:10–12; w08 15/2 5 ф., 12 абз.).
Халев алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕй каст, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта (ЙсН 14:13, 14; w06 1/10 22 ф., 11 абз.).
Халев уыдта, Йегъовӕ йын йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй кӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидардӕр кодта. Мах дӕр куы фӕуынӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтты ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уӕд нӕм тыхтӕ фӕзыны, цӕмӕй йын дарддӕр лӕггад кӕнӕм (1Ин 5:14, 15).