НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕйы алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар
Куыст зын ссарӕн куы вӕййы, уӕд нын, чи зоны, ӕнцон ма уа Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын. Ахӕм уавӕры адӕймаг, чи зоны, сразы уа, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕй чи хъыгдардзӕн кӕнӕ, Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи уыдзӕн, ахӕм куыстыл. Фӕлӕ хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ цӕттӕ кӕй у, «йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у», уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдисынмӕ (2Аз 16:9). Нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй нын алкӕддӕр ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый нын дӕтта (Ро 8:32). Уымӕ гӕсгӕ куысты фӕдыл уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм, ӕмӕ нын уымӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуамӕ мацы уа (Пс 16:8).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔППӔТ УДӔЙ ЛӔГГАД КӔН ЙЕГЪОВӔЙӔН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Джейсон гӕртам цӕуылнӕ райста?
-
Колоссӕгтӕм 3:23 фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?
-
Джейсоны цӕвиттон Томасыл куыд фӕзынд?
-
Матфейы 6:22 фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?