Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Библи иртасынӕн нын цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнут

Библи иртасынӕн нын цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнут

Йегъовӕ нын дӕтты бирӕ кусӕнгӕрзтӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕнынӕн: видеороликтӕ, буклеттӕ, журналтӕ, брошюрӕтӕ, чингуытӕ ӕмӕ нӕ сӕйраг кусӕнгарз – Библи (2Тм 3:16). Стӕй ма нын дӕтты кусӕнгӕрзтӕ Библи иртасынӕн: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы библиотекӕ», приложени JW Library®, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы онлайн-библиотекӕ» ӕмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс».

Ацы кусӕнгӕрзты фӕрцы Библи арф куы иртасай, уӕд дын уый хӕсдзӕн стыр циндзинад. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны ӕнӕмӕнг сахуыр кӕн ацы кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнын. Уӕд уыдонӕн дӕр сӕхи бон уыдзӕн сӕ фарстатӕн Библийӕ дзуаппытӕ ссарын, ӕмӕ сын уый циндзинад хӕсдзӕн.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ХӔССЫ ЦИНДЗИНАД. ЙЕГЪОВӔЙӔ ӔХХУЫС КУРУТ. БИБЛИ ИРТАСЫНӔН НЫН ЦЫ КУСӔНГӔРЗТӔ ИС, УЫДОНӔЙ ПАЙДА КӔНУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый Джейды кӕй нӕ уырныдта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

  • Алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый фӕдыл Нитӕ ӕрмӕг кӕм ссардта?

  • Библи арф куы иртасӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уый иннӕтӕн дӕр куы дзурӕм, уӕд нын уый хӕсдзӕн стыр циндзинад!

    Нитӕ куыд равзӕрста, Джейдӕн чи фӕпайда уыдаид, ахӕм ӕрмӕг?

  • Нитӕ уыцы фарста афтӕ арф кӕй раиртӕста, уый йыл куыд фӕзынд?