Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сауджынтӕ бадзырды чырынимӕ Иорданы цӕугӕдонмӕ фӕхизынц

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ’вдисы, уыдонӕн

Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ’вдисы, уыдонӕн

Йегъовӕйы амындтӕ, чи зоны, кӕмӕдӕр ӕнахуыр кӕсой (ЙсН 3:12, 13; it-U «Иордан», 7 абз.; кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ архайой ӕмӕ уымӕй уой фӕзминаг (ЙсН 3:14; w13 15/9 15 ф., 17 абз.).

Йегъовӕ арфӕ кӕны, фӕндфидарӕй чи архайы, уыдонӕн (ЙсН 3:15–17; w13 15/9 16 ф., 18 абз.).

Хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй куы фӕархайӕм (кӕд не ’нӕниздзинад лӕмӕгъ вӕййы кӕнӕ зын уавӕрты вӕййӕм, уӕддӕр), уӕд Йегъовӕйӕн фадат фӕдӕттӕм, цӕмӕй нын арфӕ кӕна.