ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕ дын зӕрдӕ цы бынтӕй бавӕрдта, уыдон хъахъхъӕн
Халев йӕ зӕххытӕй хъомысджын знӕгты фӕсырдта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бынтӕ бахъахъхъӕдта (ЙсН 15:14; it-U «Хеврон», № 3, 4 абз.).
Израилӕгтӕ се ’ппӕт сӕ бынтӕ нӕ бахъахъхъӕдтой ӕмӕ, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмы сӕ зӕххытӕй нӕ фӕсырдтой (ЙсН 16:10; it-U «Подневольный труд», 5 абз.).
Йегъовӕ ӕххуыс кодта, йӕ зӕххытӕ чи хъахъхъӕдта, уыдонӕн (Д.з 20:1–4; ЙсН 17:17, 18; it-U «Ханаан», дӕлсӕргонд «Завоевание Ханаана израильтянами», 5 абз.).
Йегъовӕ не ’ппӕтӕн дӕр зӕрдӕ бавӕрдта диссаджы бынтӕй – ратдзӕн нын ӕнусон цард. Ӕмӕ дзы цӕмӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фӕлварӕнты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, Библи куы иртасӕм, ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм, куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ куы кувӕм, уӕд.
АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕ мын зӕрдӕ цы бынтӕй бавӕрдта, уыдон хъахъхъӕнын?»