Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуыздӕр цард ӕввахс кӕй у, уый тыххӕй иннӕтӕн хъусын кӕн!

Хуыздӕр цард ӕввахс кӕй у, уый тыххӕй иннӕтӕн хъусын кӕн!

Ноябры мах ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй адӕмӕн дзурӕм, хуыздӕр цард ӕввахс кӕй у, уый тыххӕй (Пс 37:10, 11; Рар 21:3–5). Дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй уыцы зиуы бацархайай. Кӕд дӕ уыцы мӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын бафӕнда, уӕд дӕ бон уыдзӕн кӕнӕ 30, кӕнӕ 50 сахаты лӕггад кӕнын.

Ног дунейы тыххӕй Библийы цы стихтӕ ис, уыдонӕй-иу искӕцы, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр адӕмӕн бакӕс. Стих куы ’взарай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, уӕ территорийы адӕмы цы цымыдис кӕны, уый. Фыццаг хатт кӕимӕ аныхас кӕнай, уый фылдӕр базонын куы бафӕнда, уӕд-иу ын ратт 2021 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2-аг номыр. Бацархай, цӕмӕй-иу ӕм иннӕ хатт тагъддӕр ӕрбацӕуай ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай, «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» чи хуыйны, уыцы брошюрӕйы фӕрцы. Куыд ӕхсызгон у, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнын! (Ис 52:7).

БАКӔС, ЗАРӔГ КӔМ ИС, УЫЦЫ ВИДЕОРОЛИКМӔ «НОГ ДУНЕ ХӔСТӔГ У» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Гыццыл чызг йӕ цӕстытыл цавӕр диссаджы фидӕн ауайын кодта?

  • Ног дунейы арфӕдзинӕдтӕй ӕппӕты тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

  • Фидӕнӕй дын цы ныфс ис, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноябры зиуы ӕппӕт тыхтӕй бацархайай? (Лк 6:45).