27 сентябрӕй 3 октябрмӕ
ЙЕСО НАВИН 6, 7
144 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (1 мин.)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Ницӕйаг цы у, уымӕ ма кӕс» (10 мин.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (10 мин.)
ЙсН 6:20. Израилӕгтӕ рагон горӕт Иерихоныл кӕй не ’ртыхстысты, афтӕмӕй йӕ кӕй бацахстой, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? (w15 15/11 13 ф., 2, 3 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уацамындӕн дзы цавӕр хъуыдытӕ ссардтай кӕнӕ дзы ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин.): ЙсН 6:1–14 (th 10 урок)
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (3 мин.). Спайда кӕн, 16 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Равдис, адӕймагӕн цы ис зӕгъӕн, куы дын зӕгъа, зӕгъӕм, «нӕ мӕ ’вдӕлы», «мӕнӕн мӕхи дин ис», «куыстмӕ цӕуын» кӕнӕ ма уӕ территорийы адӕм цы фӕзӕгъынц, ахӕм исты (th 12 урок).
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (4 мин.). Спайда кӕн, 16 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Адӕймагӕн йе ’ргом раздах видеороликмӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» (видеоролик ӕвдисын нӕ хъӕуы) (th 9 урок).
Библийы ахуыр (5 мин.): lffi 01 урок, 3 дӕлсӕргонд (th 8 урок).
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Нӕ организацийӕн цы бантыст (5 мин.). Равдис видеоролик «Нӕ организацийӕн цы бантыст» (сентябрь).
Ӕгоммӕгӕсдзинад ӕркӕны бӕллӕхмӕ (10 мин.). Равдис скъуыддзаг кинонывӕй «Иу ныхас дӕр нӕ фӕмӕнг». Стӕй хъусджыты бафӕрс: Йегъовӕ Иерихоны тыххӕй цавӕр бӕлвырд фӕдзӕхст радта? Ахан ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы сарӕзтой ӕмӕ цӕмӕн? Ацы хабар нын зондзонӕн куыд у? Зӕгъ, цӕмӕй иууылдӕр ацы кинонывмӕ ӕнӕхъӕнӕй бакӕсой.
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): lv 15 сӕр, 1–9 абз.
Кӕронбӕттӕн (3 мин.)
88 зарӕг ӕмӕ куывд