ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Гаваойнӕгты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Гаваойнӕгтӕ зондджын разындысты (ЙсН 9:3–6; it-U «Гаваон, гаваонитяне», дӕлсӕргонд «Во времена Иисуса Навина», 1 абз.).
Израилы хистӕр лӕгтӕ Йегъовӕйӕ разамынд нӕ ракуырдтой ӕмӕ уымӕй зондджын ми нӕ бакодтой (ЙсН 9:14, 15; w11 15/11 8 ф., 14 абз.).
Гаваойнӕгтӕ израилӕгтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кодтой (ЙсН 9:25–27; w04 1/11 18 ф., 14 абз.).
Гаваойнӕгтӕ цӕттӕ уыдысты, кадджын чи нӕ уыд, ахӕм хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд Йегъовӕйы хорзӕх ссарын. Махӕн та нӕ бон куыд у гаваойнӕгтау сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын?