ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕ дыл алкӕддӕр хӕцдзӕн «йе ’нусон къухтӕй»
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй рӕстӕй цӕрӕм (Д.з 33:26; it-U «Иешурун»).
Йегъовӕйы зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна (Д.з 33:27; w11 15/10 27 ф., 18 абз.).
Мах дӕр Моисейау хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Д.з 33:29; w11 15/9 19 ф., 16 абз.).
Йегъовӕ нын йе ’нусон къухтӕй ӕххуыс кӕндзӕн цыфӕнды зындзинӕдты дӕр, зӕгъӕм, рынчын кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, цӕуылдӕр куы маст кӕнӕм кӕнӕ нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи куы хӕрӕм.