НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ног чиныг ӕмӕ ног брошюрӕйӕ пайда кӕн
Ныр адӕмимӕ Библи ахуыр кӕндзыстӕм ног брошюрӕ ӕмӕ ног чиныджы фӕрцы! Мах Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын арфӕ кӕна ӕмӕ нӕ бон уа ноджы фылдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Мф 28:18–20; 1Кр 3:6–9). Ацы ног кусӕнгӕрзтӕй куыд пайда кӕндзыстӕм?
Ацы кусӕнгӕрзтӕ куыд арӕзт сты, уымӕй тынг хицӕн кӕнынц, нырмӕ адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы ахуыр кодтам, ӕппӕт уыцы публикацитӕй. Алы урокмӕ дӕр-иу дӕхи хорз бацӕттӕ кӕн. Библийы ахуыр куы уадзай, уӕд-иу ацы амындтӕм гӕсгӕ архай *.
-
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыимӕ ӕрмӕг иумӕ бакӕсут, стӕй фарстатыл аныхас кӕнут.
-
«Бакӕсут» фыст кӕм ис, уыцы стихтӕм уӕ хъус ӕрдарут. Адӕймагӕн бамбарын кӕн, стихтӕ темӕимӕ куыд баст сты.
-
Видеороликтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр иумӕ бакӕсут ӕмӕ сӕм цы фарстатӕ ис, уыдоныл аныхас кӕнут.
-
Бацархайут, цӕмӕй иу урок иу хаттӕн рацӕуат.
Уацамынды адӕймагӕн фыццаг ратт брошюрӕ, цӕмӕй бамбарай, бафӕнддзӕн ӕй Библи ахуыр кӕнын ӕви нӕ. (Кӕс рамкӕ « Адӕймагимӕ фыццаг хатт куы ныхас кӕнай, уӕд ын дӕ бон куыд у брошюрӕ „Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!“ раттын?».) Брошюрӕ иумӕ куы равзарат ӕмӕ адӕймаджы дарддӕр Библи ахуыр кӕнын куы фӕнда, уӕд ын ратт чиныг ӕмӕ цыппӕрӕм урокӕй йемӕ ахуыр кӕнын райдай. Кӕд искӕимӕ чиныг «Нӕ бон цы у базонын» кӕнӕ чиныг «Хуыцауы уарзт» ахуыр кӕнут, уӕд рахизут чиныгмӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Ацы чиныг кӕцы урокӕй райдайдзыстут ахуыр кӕнын, уый дӕхи бон у аскъуыддзаг кӕнын.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔГАС ЦУ БИБЛИЙЫ АХУЫРМӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон ног чиныгӕй цы базондзысты?
-
Библи ахуыр кӕнын кӕимӕ райдайӕм, уыдонӕн-иу ацы видеоролик цӕмӕн хъуамӕ равдисӕм?
-
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый йӕ разы цавӕр нысӕнттӕ хъуамӕ ӕвӕра? (Кӕс рамкӕ « Алы хайы сӕйраг темӕ ӕмӕ нысӕнттӕ».)
^ 4 абз. ФИППАИНАГ. Кӕд рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг» цы статьятӕ ӕмӕ видеороликтӕ ис, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр урочы рӕстӕг ныхас кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дзы цы ӕрмӕг ис, уымӕ ӕркӕс, дӕхи Библийы ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд. Уый фӕрцы бамбардзынӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн фылдӕр пайда кӕцы ӕрмӕг ӕрхӕсдзӕн. Ацы чиныджы электронон форматы ис ссылкӕтӕ статьятӕм ӕмӕ видеороликтӕм.
АЛЫ ХАЙЫ СӔЙРАГ ТЕМӔ ӔМӔ НЫСӔНТТӔ |
|||
---|---|---|---|
УРОКТӔ |
СӔЙРАГ ТЕМӔ |
НЫСӔНТТӔ |
|
01–12 |
Базон, Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йын йӕ Авторы базонай |
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый разӕнгард кӕн, цӕмӕй Библи кӕса, йӕхи Библийы ахуырмӕ цӕттӕ кӕна ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдайа |
|
13–33 |
Базон, Хуыцау мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ йын куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм |
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый разӕнгард кӕн, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй иннӕтӕн дзура ӕмӕ хъусынгӕнӕг суа |
|
34–47 |
Базон, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы |
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый разӕнгард кӕн, цӕмӕй йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса |
|
48–60 |
Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнай |
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын сахуыр уа ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕна |