НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Дӕ бинонты цард хъахъхъӕн
Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый Йегъовӕ тынг ахсджиагыл нымайы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй цӕрӕнбонты иумӕ уой (Мф 19:5, 6). Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис бирӕ фӕзминаг бинонтӕ. Фӕлӕ ӕнӕрӕдийгӕ ничи у. Уымӕ гӕсгӕ бинонты ’хсӕн зындзинӕдтӕ фӕзыны. Ацы дунейы бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус цавӕрдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд хуыздӕр кӕй уыдзӕн, цӕмӕй хицӕнтӕй цӕрой кӕнӕ ахицӕн уой. Фӕлӕ мах хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ бинонты цард бахъахъхъӕнын?
Ӕркӕсӕм фондз ахсджиаг уынаффӕмӕ.
-
Уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнут. Уӕхи хизут, уӕ бинонты цардӕн зиан чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, флиртӕй, стӕй ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕй (Мф 5:28; 2Пт 2:14).
-
Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнут ӕмӕ архайут, цӕмӕй йын уӕ бинонты цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнат (Пс 97:10).
-
Уӕ удыхъӕд ногмӕ ивут. Уӕ цардӕмбалы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй суанг гыццыл хъуыддӕгтӕ дӕр аразут (Кл 3:8–10, 12–14).
-
Кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнут, ӕмӕ уӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд, кӕрӕдзи кӕй нымайут (Кл 4:6).
-
Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ ӕххӕст кӕной, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый, ома кӕрӕдзийыл узӕлой ӕмӕ кӕрӕдзи сӕ уарзтӕй рӕвдауой (1Кр 7:3, 4; 10:24).
Чырыстӕттӕ сӕ бинонты цардӕн куы фӕкад кӕнынц, уӕд афтӕмӕй фӕкад кӕнынц Йегъовӕйӕн, бинонты бындурӕвӕрӕгӕн.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ЕРЫСТЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ АРХАЙУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Лӕг ӕмӕ ус райдианы «а» ӕмӕ «о»-йӕ куы цӕрой, уӕддӕр сын фӕстӕдӕр, гӕнӕн ис, цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзына?
-
Афтӕ кӕмӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи нал уарзынц, уымӕн Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?
-
Йегъовӕ бинонты царды фӕдыл цавӕр закъӕттӕ радта?
-
Лӕг ӕмӕ ус цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй амондджын уой?