НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕрвылазон конгресстӕ – хорз фадат уарзондзинад равдисынӕн
Нӕ ӕрвылазон конгресстӕ нын уыйбӕрц циндзинад цӕмӕн хӕссынц? Рагон израилӕгтӕ-иу иумӕ ӕрӕмбырд сты Йегъовӕйӕн бакувынмӕ. Ӕмӕ абон махӕн дӕр конгрессты фӕрцы ахӕм фадат вӕййы, цӕмӕй-иу сӕдӕгай кӕнӕ суанг мингай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн бакувынмӕ ӕрӕмбырд уӕм. Конгрессты нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг парахатӕй кӕй вӕййы, ууыл тынг фӕцин кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма тынг аргъ кӕнӕм, не ’мбӕлттимӕ ӕмӕ нӕ бинонтимӕ цы рӕстӕг арвитӕм, уымӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу конгрессы ӕртӕ бонӕй иу дӕр ма фӕцух кӕнӕм.
Иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййӕм, уӕд хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи пайдайыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, нӕ бон иннӕтӕм уарзондзинад равдисын куыд у, ууыл дӕр (Га 6:10; Дзт 10:24, 25). Иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, хо кӕнӕ-иу ӕфсымӕрӕн дуар куы байгом кӕнӕм кӕнӕ нӕ цал бынаты хъӕуы, уымӕй фылдӕр-иу куы нӕ бацахсӕм (Фп 2:3, 4). Конгрессты нӕ бон вӕййы ног ӕмбӕлттӕ ссарын. Нӕ бон у нӕхицӕн ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй-иу конгрессы размӕ ӕмӕ конгрессы фӕстӕ кӕнӕ та сихорафон искӕимӕ базонгӕ уӕм (2Кр 6:13). Цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ базонгӕ уӕм, уыдонимӕ хорз ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст ацы дунейы кӕронмӕ нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр! Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, не ’хсӕн ӕцӕг уарзондзинад кӕй ис, уый иннӕтӕ дӕр куы уыной, уӕд уыдоны дӕр, чи зоны, бафӕнда немӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Ин 13:35).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔХСӔНАДӔМОН КОНГРЕССТӔ „УАРЗОНДЗИНАД АЛКӔДДӔР УЫДЗӔН“», ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
2019 азы ӕхсӕнадӕмон конгрессты чи уыди, уыдонмӕ бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ уарзондзинад куыд равдыстой?
-
Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн иудзинад ӕмӕ уарзондзинад кӕй ис, уый диссаг цӕмӕн у?
-
Разамонӕг советы ӕфсымӕртӕ сӕ раныхӕсты чырыстон уарзондзинады тыххӕй цы дзырдтой?
-
Германийы ӕмӕ Хуссар Корейы, ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн чырыстон уарзондзинад куыд баххуыс кодта?
-
Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?