22–28 февралы
НЫМӔЦТӔ 5, 6
81 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (1 мин.)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Назорейтӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты?» (10 мин.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (10 мин.)
Нм 6:6, 7. Кӕд-иу Самсон, кӕй-иу амардта, уыдонмӕ бавнӕлдта, уӕддӕр-иу назорейӕ цӕмӕн баззад? (w05-U 15/1 30 ф., 2 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уацамындӕн дзы цавӕр хъуыдытӕ ссардтай кӕнӕ дзы ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин.): Нм 5:1–18 (th 10 урок)
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (3 мин.). Спайда кӕн, 16 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Адӕймагӕн йе ’ргом раздах видеороликмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты?» ӕмӕ йыл аныхас кӕнут (видеоролик ӕвдисын нӕ хъӕуы) (th 1 урок).
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (4 мин.). Спайда кӕн, 16 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Адӕймагӕн ратт, иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй искӕцы (th 3 урок).
Раныхас (5 мин.): w06-U 15/1 32. Темӕ «Цы тыхтӕттӕ ссардтой, уыдон куыд бӕлвырд кӕнынц, Библи историмӕ гӕсгӕ раст кӕй у, уый?» (th 13 урок).
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Мартъийы кӕнӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕндзынӕ?» (5 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы хонын райдайдзыстӕм 27 февралы, сабаты (10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Хъусынгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр ратт хуынды гӕххӕтт ӕмӕ йыл цыбыртӕй аныхас кӕн. Зӕгъ, уе ’мбырд цы араздзӕн, цӕмӕй уӕ территорийыл аххӕссат. Равдис, адӕймаджы Ӕрымысӕн изӕрмӕ куыд ис фӕхонӕн, уый фӕдыл видеоролик. Стӕй хъусджыты бафӕрс: видеоролик «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм» хуыздӕр кӕд уыдзӕн равдисын? Адӕймаджы фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): lv 5 сӕр, 16–23 абз.
Кӕронбӕттӕн (3 мин.)
36 зарӕг ӕмӕ куывд