ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Сӕрибардзинады азы тыххӕй мах цӕмӕн хъӕуы зонын?
Израилӕгтӕ-иу цы хӕстӕ дардтой, уыдонӕй-иу Сӕрибардзинады азы ссӕрибар сты, ӕмӕ-иу уый фӕрцы цӕрӕнбонты мӕгуыр цард нӕ кодтой (Лв 25:10; w19.12 8, 9 фф., 3, 4 абз.; it-U «Свобода», дӕлсӕргонд «Бог свободы», 1 абз.; кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл).
Зӕхх-иу куы ауӕй кодтой, уӕд-иу уый уыди, цыма-иу ӕй арендӕйы радтой, уыйау. Йӕ аргъ та кӕнгӕ уыд, арендӕйы йӕ чи иста, уый дзы цас хор хъуамӕ ӕркарстаид, уымӕй (Лв 25:15; it-U «Наследство», дӕлсӕргонд «Наследственные владения», 2 абз.).
Израилӕгтӕ-иу Сӕрибардзинады азы закъон куы ’ххӕст кодтой, уӕд-иу сын Йегъовӕ арфӕ кодта (Лв 25:18–22; it-U «Юбилей», 8 абз.).
Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕйыл иузӕрдион адӕм схайджын уыдзысты ӕцӕг сӕрибардзинадӕй. Сӕрибардзинады аз ахӕсгӕ хуызы цы рӕстӕгмӕ амоны, уыцы рӕстӕг куы фӕуа, уӕд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй бынтондӕр ссӕрибар уыдзысты (Ро 8:21).
Алкӕй дӕр нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ зӕрдӕ цы сӕрибардзинадӕй бавӕрдта, уымӕй схайджын уӕм?