Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Фидӕны сӕрибардзинад – Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы лӕвар

Фидӕны сӕрибардзинад – Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы лӕвар

Алы бон дӕр цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс? Чи зоны, бинонты хистӕр дӕ ӕмӕ дӕ фӕхъӕуы бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, дӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕныс ӕмӕ дын цардамӕлттӕ кӕнын зын у. Йе та, чи зоны, скъолайы ахуыр кӕныс, ӕмӕ дӕ де ’мгӕрттӕ фӕхынджылӕг кӕнынц. Кӕнӕ та дыл, гӕнӕн ис, азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой кӕнӕ де ’нӕниздзинад сӕ хӕрзтӕй нӕу. Не ’ппӕт дӕр ӕмбӕлӕм зындзинӕдтыл. Бирӕты фӕхъӕуы уыцы иу рӕстӕг алыхуызон зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, тагъд рӕстӕджы нӕ Йегъовӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн – не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн (2Кр 4:16–18).

Уӕдмӕ уал та нын ныфсы хос у, Йегъовӕ нын нӕ уавӕр кӕй ӕмбары, нӕ иузӕрдиондзинадӕн ӕмӕ нын нӕ фидардзинадӕн кӕй аргъ кӕны, стӕй нӕ фидӕны стыр арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн, уый (Йер 29:11, 12). Йесо дӕр нӕ алкӕуыл дӕр хицӕнӕй тыхсы. Нӕ чырыстон хӕстӕ ’ххӕст кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл фӕдарӕм йӕ ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, ӕз уыдзынӕн уемӕ (Мф 28:20). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар нын цы сӕрибардзинад уыдзӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс бафидар вӕййы ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды зындзинӕдты рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайын (Ро 8:19–21).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ТЫХДЫМГӔ ӔРБАХӔЦЦӔ КӔНЫ. ДАРДДӔР ДӔР ЛӔМБЫНӔГ КӔСУТ ЧЫРЫСТИМӔ! ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ АРФӔДЗИНӔДТӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Адӕм Хуыцауӕй куыд адард сты ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

  • Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

  • Ахӕм диссаджы фидӕнӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы ис?

  • Ног дунейы арфӕдзинӕдтӕй ӕппӕты тынгдӕр кӕцытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма ног дунейы дӕ