НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн амонут, сӕ бон куыд у сӕхи бахъахъхъӕнын
Мах ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ адӕм хорз ӕвзӕрыл нымайынц, ӕвзӕр та – хорзыл (Ис 5:20). Хъыгагӕн, иуӕй-иу адӕм аразынц, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, нӕлгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтимӕ, сылгоймӕгтӕ та сылгоймӕгтимӕ ӕнӕгъдау митӕ фӕкӕнынц. Чи зоны, нӕ сывӕллӕтты се ’мгӕрттӕ кӕнӕ ӕндӕр исчи разӕнгард кӕна, цӕмӕй уыдон куыд кӕнынц, афтӕ кӕной. Ныййарджытӕ, уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕтты бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй ахӕм уавӕрты бахаугӕйӕ фидар фӕлӕууой?
Уӕ сывӕллӕттӕн Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ амонут (Лв 18:3). Куыд рӕзой, афтӕ сын гыццылгай ӕмбарын кӕнут, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис. Цы сын хъуамӕ дзурат, уый кӕнгӕ у, сӕ кармӕ гӕсгӕ цы бамбардзысты, уымӕй (Д.з 6:7). Уӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттут: «Мӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кодтон, пъатӕ ӕмӕ хъӕбыстӕ кӕнын кӕмӕн ӕмбӕлы ӕмӕ кӕмӕн не ’мбӕлы? Ӕмбарынц ӕй, нӕ уӕлӕдарӕс ӕфсармыл дзурӕг цӕмӕн хъуамӕ уа? Бамбарын сын кодтон, иннӕтӕн уый бар кӕй нӕй, цӕмӕй сын, цы не ’мбӕлы, ахӕм цыдӕртӕ кӕной кӕнӕ сын ахӕм цыдӕртӕ сӕхицӕн кӕнын кӕной? Мӕ сывӕллӕттӕ зонынц, куыд бакӕнын сӕ хъӕуы, исчи сын порнографи равдисынмӕ куы хъава кӕнӕ та, Йегъовӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, ахӕм исты сын куы аразын кӕна?» Ацы хабӕрттӕ рагацау куы зоной, уӕд сӕхи бирӕ бӕллӕхтӕй бахиздзысты (Ӕм 27:12; Ек 7:12). Сывӕллӕттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ, ӕмӕ сӕ куы ахуыр кӕнат, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстут, кӕй сӕ уарзут (Пс 127:3).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ФИДАР ЧИ ЛӔУДЗӔН, АХӔМ ХӔДЗАР АРАЗУТ. УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ „ӔВЗӔР ХЪУЫДДӔГТӔЙ“ ХЪАХЪХЪӔНУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Иуӕй-иу ныййарджытӕн зын цӕмӕн вӕййы сӕ сывӕллӕттӕн, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй дзурын?
-
Ныййарджыты цӕмӕн хъӕуы сӕ сывӕллӕтты, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ хъомыл кӕнын ӕмӕ «сӕ йӕ зондыл аразын»? (Еф 6:4).
-
Йегъовӕйы организаци ныййарджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕной, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй? (w19.05 12 ф., рамкӕ).
-
Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй сывӕллӕттимӕ рагацау дзурын цӕмӕн фӕхъӕуы?