Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Ӕнӕгъдаудзинадӕй дӕхи хиз

Ӕнӕгъдаудзинадӕй дӕхи хиз

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, ацы дунейы адӕм цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уыцы хъуыддӕгтӕ ма аразӕм (Лв 18:3; w19.06 27 ф., 10 абз.).

Йегъовӕ йе сӕфт цы тӕригъӕдтӕй уыны, уыдонмӕ хауынц тугхӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуын, фосимӕ схуыссын ӕмӕ гомосексуализм (Лв 18:6, 22, 23; w17.02 20 ф., 13 абз.).

Йегъовӕ фесафдзӕн, нӕ алыварс цы чъизи дуне ис, уый (Лв 18:24, 25; Ӕм 2:22; w14 1/7 7 ф., 2 абз.).

Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы ног дунемӕ бацӕуӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй хъахъхъӕнынц.

Нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн равдисын, ӕнӕгъдаудзинадӕй не сӕфт кӕй уынӕм?