Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр

Хъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр

Израилӕгтӕ бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куыд архайдтой, афтӕ абон дӕр Йегъовӕйы адӕм архайынц бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной. Ӕгас дунейы дӕр филиалтӕ, районтӕ, ӕмбырдтӕ ӕмӕ уацамындон къордтӕ ӕмгуыст кӕнынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Мах хъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр, уыимӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдонӕн дӕр (Рар 14:6, 7).

Дӕ бон нӕ уаид ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын, цӕмӕй иннӕтӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнай? Кӕд дын ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг нӕй, уӕд дӕ бон у спайда кӕнын приложенийӕ JW Language. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн сахуыр кӕнын, ӕндӕр ӕвзагыл ныхас хуымӕтӕгӕй райдайӕн куыд ис, уый. Цы сахуыр кӕнай, уымӕй уацамынды куы спайда кӕнай, уӕд фыццаг ӕнусы чырыстӕттау ды дӕр цин кӕндзынӕ. Уыдонӕн цины хос уыди, ӕндӕр бӕстӕтӕй чи уыд, уыцы адӕмӕн сӕ мадӕлон ӕвзагыл «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» кӕй хъусын кодтой, уый (Хъд 2:7–11).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМБАЛ СУ. ХЪУСЫН КӔН ӔНДӔР ӔВЗАГЫЛ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Приложенийӕ JW Language дӕ бон цавӕр уавӕры у спайда кӕнын?

  • Приложенийы JW Language цавӕр функцитӕ ис?

  • Ӕппӕт ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм хъуамӕ хорз хабар фехъусой

    Уӕ территорийы адӕм цавӕр ӕвзӕгтыл дзурынц?

  • Цы хъуамӕ саразай, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймаджы фылдӕр базонын куы бафӕнда, уӕд? (od 100, 101 фф., 39–41 абз.).