АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Куыд ис аныхас кӕнӕн
Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн
Адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонӕм (27 февралӕй 27 мартъимӕ):
«Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм [ӕрбадзырдтам кӕнӕ фыссӕм], цӕмӕй дӕ фӕхонӕм иу ахсджиаг хабармӕ. Милуангай адӕм ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Фӕбӕрӕг ӕй кӕнынц алы аз дӕр». Адӕймагӕн хуынды гӕххӕтт ратт ӕмӕ йын зӕгъ [кӕнӕ йӕм ӕй арвит ӕмӕ йӕм ныффысс]: «Ам фыст ис, кӕм ӕмӕ йӕ цафон бӕрӕг кӕндзысты, уый [кӕнӕ йӕм дӕ бон онлайн бакӕсӕн куыд уыдзӕн, уый]. Уый размӕ улӕфгӕ бонты ма уыдзӕн сӕрмагонд раныхас, ӕмӕ дӕ уырдӕм дӕр хонӕм».
Кӕд адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда, уӕд иннӕ хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн. Йесо Чырысти цӕмӕн амард?