Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД | НОГ ЛӔГГАДЫ АЗМӔ ДӔ РАЗЫ НЫСӔНТТӔ СӔВӔР

Ног лӕггады азмӕ дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕр. Нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕн

Ног лӕггады азмӕ дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕр. Нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕн

Нӕ организацийы агъуыстытӕ аразын дӕр хауы нӕ лӕггадмӕ (Рц 36:1). Дӕ бон нӕ уаид, кӕм цӕрыс, уырдӕм хӕстӕг цы арӕзтадон кӕнӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ цӕуы, уым рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕххуыс кӕнын? Уӕд байдзаг кӕн «Заявление на служение добровольцем в программе местного проектно-строительного отдела» (DC-50). Кӕнӕ дӕ бон нӕ уаид, цалдӕр къуырийы йе та цалдӕр мӕйы дӕргъы, дард ран чи цӕуы, ахӕм арӕзтадон куыстыты баххуыс кӕнын? Уӕд та байдзаг кӕн «Заявление на добровольное служение» (A-19). Цӕмӕй арӕзтадон куыстыты ӕххуыс кӕнай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ дӕм ахӕм хъуыддӕгты фӕлтӕрддзинад уа (Не 2:1, 4, 5).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УЫРНЫНДЗИНАД ДӔМ УӔД ӔМӔ, ДӔ РАЗЫ ЦЫ „СТЫР ДУАР“ БАЙГОМ, УУЫЛ БАХИЗ. НӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫ АГЪУЫСТЫТӔ АРАЗЫНӔН ӔХХУЫС КӔН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:

  • Сарӕ цӕуыл мӕт кодта ӕмӕ йын цы баххуыс кодта?