Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Кусӕн тетрады цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдонӕй куыд ис пайда кӕнӕн?

Кусӕн тетрады цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдонӕй куыд ис пайда кӕнӕн?

Кусӕн тетрады цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдоныл ӕфсымӕртӕ бирӕ бафыдӕбон кӕнынц. Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕн уыцы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын хорз ӕнтысы. Фӕлӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ уавӕртӕ хицӕн кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ хъусынгӕнджытӕн уацамынды сӕ бон у сӕ ныхас ӕндӕрхуызон аразын ӕмӕ, адӕм арӕхдӕр цӕуыл фӕдзурынц, семӕ ууыл ныхас кӕнын. Фӕлӕ зиу куы вӕййы, уӕд хъуамӕ не ’ппӕт дӕр архайӕм, уыцы рӕстӕг нын ӕфсымӕртӕ цы разамынд фӕдӕттынц, уымӕ гӕсгӕ. Нӕ нысан у Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Мф 24:14).

Хъусынгӕнджытӕ-иу сӕ хӕслӕвӕрдты хъуамӕ спайда кӕной, «Кусӕн тетрад»-ы 16 фарсыл цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уым цы темӕтӕ вӕййы, уыдонӕй. Фӕлӕ фарста, стих ӕмӕ, иннӕ хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн, уый сӕ бон у уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивын (кӕд хӕслӕвӕрды ӕндӕр амындтӕ нӕй, уӕд). Ацы амындтӕ сты, 2020 азы июны «Кусӕн тетрад»-ы 8 фарсыл цы амындтӕ уыд, уыдоны бӕсты.