ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Кувӕндон арӕзтой зӕрдиагӕй
Соломон кувӕндон аразынӕн самал кодта ӕппӕты хуыздӕр ӕрмӕг (1Пд 5:6, 17; w11 1/2 15).
Кувӕндон аразынӕн бирӕ адӕм ӕххуыс кодта (1Пд 5:13–16; it-U «Кедр», 5 абз.; it-U «Храм», дӕлсӕргонд «Храм Соломона», 4 абз.).
Соломон ӕмӕ израилӕгтӕ авд азы дӕргъы фыдӕбон кодтой, цӕмӕй кувӕндон сарӕзтаиккой (1Пд 6:38; кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл).
Соломон ӕмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйы кувӕндон зӕрдиагӕй кӕй арӕзтой, уый фӕрцы сӕ бон сси куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Хъыгагӕн, фидӕны фӕлтӕртӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй нал лӕггад кодтой ӕмӕ кувӕндонмӕ нал зылдысты. Уый тыххӕй кувӕндон ныззаууат ӕмӕ ӕппынфӕстаг пырхгонд ӕрцыд.
АХЪУЫДЫ КӔН: «Цы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнон?»