НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Зиу сентябры – адӕмӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй дзурдзыстӕм
Сентябры архайдзыстӕм, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй дзурӕм. Пайда кӕндзыстӕм брошюрӕйӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын кӕй бафӕнда, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн 30 сахаты хъусын кӕнын. Зиуы рӕстӕг куыд хъусын кӕндзыстӕм?
-
Адӕймагимӕ фыццаг хатт куы ныхас кӕнай. Ныхас кӕнын райдай, брошюрӕйы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» фӕстаг фарсыл цы фыст ис, уый фӕрцы. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, адӕймагӕн равдис, Библийы ахуыр куыд фӕцӕуы, уый. Библи ахуыр кӕныны тыххӕй ма дӕ бон у зӕгъын, раздӕр дӕр ма кӕмӕн хъусын кодтай, уыдонӕн дӕр (уыимӕ, ногӕй кӕмӕ бацӕуыс, уыдонӕн). Кӕд адӕймаджы уый размӕ нӕ фӕндыд Библи ахуыр кӕнын, уӕд ӕй ныр, чи зоны, бафӕнда ног брошюрӕмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнын. Хӕдзары куы никӕй баййафай, уӕд дзы брошюрӕ уадзын нӕ хъӕуы. Стӕй йӕ писмойы ӕрвитын дӕр нӕ хъӕуы, кӕд дын адӕймаг нӕ загъта, уӕд. Ӕмбырды комитетӕн йӕ бон у уыцы мӕй фылдӕр уацамындон фембӕлдтӕ спълан кӕнын.
-
Ӕндӕр уавӕрты. Кӕд уе ’мбырд стендтимӕ фӕхъусын кӕны, уӕд-иу дзы брошюрӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» дӕр сӕвӕрут. Искӕй брошюрӕ райсын куы бафӕнда, уӕд-иу ын зӕгъ, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ исчи йемӕ Библи лӕвар ахуыр кӕна. Равдис ын, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый, йе та йын зӕгъ, уый фӕстӕ йын ӕй кӕй равдисдзынӕ. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕгӕн йӕ бон у хъусын кӕныны хъуыддаг афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй адӕмӕн куыстуӕтты дзурой. Дӕ бон ма у Библи ахуыр кӕныны тыххӕй дзурын, куысты куы вӕййыс, уӕд кӕнӕ дын ӕндӕр фадат куы фӕвӕййы, уӕд.
Йесо нын бафӕдзӕхста ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын (Мф 28:19, 20). Ацы зиуы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн Йесойы фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ нын брошюрӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» уыцы хъуыддаджы ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн.