Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый феныс?

Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый феныс?

Библийы ис, Йегъовӕмӕ-иу зӕрдӕбынӕй чи куывта, ахӕм лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ. Уыдон-иу куы федтой, Йегъовӕ сын сӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй радта, уӕд-иу сӕ уырнындзинад тынг бафидар. Хорз уаид, бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй-иу куы кувиккам ӕмӕ-иу стӕй куы фениккам, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй радта, уый. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ нын алы хатт, мах цы дзуапмӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, ахӕм дзуапп нӕ ратты. Стӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ нын ратта, мах дзы цы курӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр (2Кр 12:7–9; Еф 3:20). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

  • Зын уавӕры нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕны ӕмӕ нын хъарутӕ ратты (Фп 4:13).

  • Зонд нын ратты, цӕмӕй-иу раст уынаффӕ рахӕссӕм (Иак 1:5).

  • Баххуыс нын кӕны, цӕмӕй нӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайын фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ афтӕ кӕнгӕ дӕр кӕнӕм (Фп 2:13).

  • Истӕуыл куы фӕмӕт кӕнӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны (Фп 4:6, 7).

  • Хотӕ ӕмӕ нӕм ӕфсымӕртӕ се ’ххуысы къух ӕрбадарынц йе та нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц (1Ин 3:17, 18).

  • Иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд сын баххуыс кӕны (Хъд 12:5, 11).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ У, „КУЫВДТЫТӔ ЧИ ХЪУСЫ, УЫЦЫ ХУЫЦАУ“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ӕфсымӕр Симидзуйы хабар ныфсы хос куыд у, йе ’нӕниздзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн?

  • Ӕфсымӕр Симидзуйы нӕ бон куыд у бафӕзмын?