Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Соломон скуывта сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй

Соломон скуывта сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй

Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд Соломон адӕмы раз зӕрдӕбынӕй скуывта (1Пд 8:22; w09 15/11 9 ф., 9, 10 абз.).

Соломон адӕмы ’ргом йӕхимӕ не здӕхта, фӕлӕ Йегъовӕйы скадджын кодта (1Пд 8:23, 24).

Соломон сӕрныллӕгӕй скуывта (1Пд 8:27; w99-U 15/1 17 ф., 7, 8 абз.).

Соломон куыд скуывта, уымӕй уӕлдайдӕр фӕзминаг у, иннӕты раз хъӕрӕй чи фӕкувы, уыдонӕн. Хъуамӕ нын сӕйрагдӕр уа, цӕмӕй нӕ куывды ныхӕстӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуой, адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ, фӕлӕ.