НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД | НОГ ЛӔГГАДЫ АЗМӔ ДӔ РАЗЫ НЫСӔНТТӔ СӔВӔР
Ног лӕггады азмӕ дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕр. Пионерӕй лӕггад кӕнын райдай
Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ тыхтӕ дзӕгъӕлы нӕ хардз кӕндзыстӕм (1Кр 9:26). Стӕй нын уый баххуыс кӕндзӕн, ацы дунейы кӕронмӕ ма цы рӕстӕг баззад, уымӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын (Еф 5:15, 16). Хорз нӕ уаид, бинонты ахуыры рӕстӕг ног лӕггады азмӕ уӕ разы нысӕнттӕ куы сӕвӕриккат? Ацы кусӕн тетрады цалдӕр статьяйы дзырд цӕуы, уӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у уӕ разы сӕвӕрын, ууыл. Уӕ бинонтимӕ-иу сыл иумӕ ахъуыды кӕнут ӕмӕ-иу уый тыххӕй Йегъовӕмӕ скувут (Иак 1:5).
Зӕгъӕм, уӕ бон нӕ уаид уӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй уӕ бинонтӕй иу уӕддӕр райдайа ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын? Кӕд дызӕрдыг кӕнут, сахӕтты нормӕ ӕххӕст кӕнын уӕ бон кӕй уыдзӕн, ууыл, уӕд аныхас кӕнут, сӕ уавӕртӕ уӕ уавӕрты хуызӕн кӕмӕн сты, ахӕм пионертимӕ (Ӕм 15:22). Уӕ бон ма у уӕ бинонты ахуырмӕ пионертӕй искӕй фӕхонын ӕмӕ йемӕ аныхас кӕнын. Уый фӕстӕ уӕхицӕн иу-цалдӕр графикы скӕнут ӕмӕ ахъуыды кӕнут, уӕ уавӕрты дзы хуыздӕр кӕцы уыдзӕн. Кӕд раздӕр пионертӕй лӕггад кодтат, уӕд уӕ бон нӕ уаид ногӕй райдайын ахӕм хуызы лӕггад кӕнын?
Чи зоны, уӕ бинонтӕй искӕмӕн йӕ бон у иу кӕнӕ цалдӕр мӕйы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Кӕд тагъд афӕллайыс, уӕд-иу алы бон дӕр иугыццыл балӕггад кӕн, цӕмӕй сахӕтты нормӕ сӕххӕст кӕнай. Чи зоны, кусгӕ кӕныс кӕнӕ скъолайы ахуыр кӕныс ӕмӕ дын кусгӕ бонты зын вӕййы хъусын кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Уӕд дӕ бон у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын, отпуск кӕнӕ дын каникултӕ куы уа, уӕд, йе та, фылдӕр улӕфгӕ бонтӕ кӕм ис, уыцы мӕй. Дӕ къӕлиндары фӕнысан кӕн, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕ кӕцы мӕй фӕнды балӕггад кӕнын, уый, ӕмӕ график скӕн (Ӕм 21:5).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ПИОНЕРТӔ, ХЪӔБАТЫР УТ!» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Йегъовӕ Эммӕйыл куыд батыхст? Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?