ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Хуыцау цы зонд дӕтты, уымӕн стыр аргъ ис
Соломон Йегъовӕйӕ ракуырдта зонд (1Пд 3:7–9; w11 15/12 8 ф., 4–6 абз.).
Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон уыд, Соломон дзы зонд кӕй ракуырдта, уый (1Пд 3:10–13).
Соломон Хуыцауы зондӕй кӕй архайдта, уый фӕрцы адӕм цардысты ӕдасӕй (1Пд 4:25).
Зонд кӕмӕ ис, ахӕм адӕймагмӕ ис зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмбарындзинад, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын зоны. Зондӕн сызгъӕринӕй бирӕ стырдӕр аргъ ис (Ӕм 16:16). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй зондӕй схайджын уӕм? Хъуамӕ Хуыцауӕй зонд курӕм, тӕрсӕм дзы, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ уӕм, стӕй Библи иртасӕм.