ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Ӕнӕгъдау фӕндты фӕдыл ма цу
Давид бауагъта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕнд фӕзындаид (2См 11:2–4; w21.06 17 ф., 10 абз.).
Давид йӕ паддзахы бартӕй спайда кодта, цӕмӕй йӕ рӕдыд бамбӕхстаид (2См 11:5, 14, 15; w19.09 17 ф., 15 абз.).
Давиды йӕ тӕригъӕд стыр бӕллӕхтӕм ӕркодта (2См 12:9–12; w18.06 17 ф., 7 абз.).
Цӕмӕй ӕнӕгъдау цӕмӕдӕрты ма кӕсӕм ӕмӕ сыл ма хъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хиуылхӕцындзинад (Га 5:16, 22, 23). Йегъовӕйӕн йӕ бон у махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕнӕгъдау фӕндтӕ нӕ зӕрдӕйы уидаг ма ауадзой.
АХЪУЫДЫ КӔН: «Уӕлдай тынгдӕр мӕ цавӕр хъуыдытимӕ фӕхъӕуы тох кӕнын?»