Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Уарзондзинад алцӕуыл дӕр ӕууӕнды

Уарзондзинад алцӕуыл дӕр ӕууӕнды

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс вӕййы, раст уынаффӕтӕ кӕй хӕсдзысты (1Кр 13:4, 7). Зӕгъӕм, ӕмбырды исчи тӕригъӕд куы саразы ӕмӕ йын куы бауайдзӕф кӕнынц, уӕд нӕ ныфс вӕййы, кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн ӕмӕ уынаффӕмӕ кӕй байхъусдзӕн. Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонимӕ вӕййӕм фӕразон ӕмӕ сын феххуыс кӕнӕм (Ро 15:1). Исчи ӕмбырд куы ныууадзы, уӕд нӕ ныфс вӕййы, иу бон та фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн (Лк 15:17, 18).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗОНДЗИНАД АЛЦӔУЫЛ ДӔР ӔУУӔНДЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Авенир Давидмӕ цӕмӕн ӕрбацыд?

  • Авениры курдиатмӕ Давид ӕмӕ Иоав цы цӕстӕй ракастысты?

  • Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ раст уынаффӕтӕ кӕй хӕсдзысты, уый ныфс нӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?