Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл баууӕндой. Чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!»

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл баууӕндой. Чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!»

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны хъӕуы сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной (Дзт 11:6). Чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн йӕ зӕрдӕ бацагайай. Ацы чиныг Библийы ахуырӕдтӕ ӕнцонтӕй ӕмбарын кӕны, стӕй дзы ис сӕйраг хъуыдытимӕ баст стихтӕ, хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм фарстатӕ, видеороликтӕ ӕмӕ рӕсугъд нывтӕ. Адӕймагӕн куы феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй йӕм чырыстон миниуджытӕ фӕзына ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа, уӕд афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, фӕаразӕм, арты чи нӕ судзы, ахӕм ӕрмӕгӕй (1Кр 3:12–15).

Иуӕй-иутӕн зын вӕййы баууӕндын, сӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой, уымӕн ӕмӕ йӕ никуы федтой. Уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йыл баууӕндой.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ БАУУӔНДОЙ. ЧИНЫГ „АМОНДДЖЫНӔЙ ЦӔР ӔНУСТӔМ!“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Хо Библийы ахуырмӕ йӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодта, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

  • Хо уӕлӕмхасӕн фарстатӕй куыд спайда кодта, цӕмӕй Кессийӕн Исайы 41:10, 13 стихты сӕйраг хъуыдытӕм йӕ хъус ӕрдардтаид ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый базыдтаид?

  • Видеоролик ӕмӕ стихтӕ Кессийыл куыд бандӕвтой?

Бирӕтӕ не ’мбарынц, Йесо Чырыстийы амӕлын цӕмӕн бахъуыд кӕнӕ та сӕ нӕ уырны, Чырыстийы нывонд уыдонмӕ исты бар кӕй дары (Га 2:20). Уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй баууӕндой, Чырысти йӕ цард кӕй радта адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ЙЕСОЙЫЛ БАУУӔНДОЙ. ЧИНЫГ „АМОНДДЖЫНӔЙ ЦӔР ӔНУСТӔМ!“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ӕфсымӕр Библийы ахуырмӕ йӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

  • Ӕфсымӕр рубрикӕйӕ «Фылдӕр ӕрмӕг» куыд спайда кодта, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уымӕн баххуыс кодтаид?

  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй кувӕм ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр кува?