НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Змӕстыты рӕстӕг цӕттӕ разындзынӕ?
Ацы дунейы кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ змӕстытӕ, теракттӕ ӕмӕ хӕстытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (Рар 6:4). Фидӕны нӕм цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын?
-
Дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Ахъуыды кӕн, Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ кӕй цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл тынгдӕр ӕууӕндай ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дӕхи хизай (Ӕм 12:5; jr 167 ф., 23, 24 абз.). Абон уый рӕстӕг у, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм (1Пт 4:7, 8).
-
Дӕхи бацӕттӕ кӕн. Ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй дӕ хӕдзары ӕдас уа. Спълан кӕн, цы араздзынӕ, хӕдзарӕй дӕ лидзын куы бахъӕуа, уӕд. Бӕллӕхы рӕстӕг дӕ цы бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ дӕ хызыны ӕвӕрдӕй дар. Стӕй ма дзы дӕ бон у нывӕрын, зӕгъӕм, маскӕтӕ, перчаткӕтӕ ӕмӕ ӕхца. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕ телефоны номыртӕ ратт ӕмӕ сын сӕхи номыртӕ дӕр райс (Ис 32:2; g17.5-U 3–7).
Змӕстыты рӕстӕг дӕр-иу Хуыцауы хъуыддӕгты архай ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн (Фп 1:10). Ӕнӕхъуаджы-иу ӕддӕмӕ ма хиз (Мф 10:16). Иннӕтӕн-иу фӕхай кӕн хӕринаг ӕмӕ ма дӕм цы ис, уымӕй (Ро 12:13).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИСТЫ БӔЛЛӔХ КУЫ ’РЦӔУА, УӔД ЦӔТТӔ РАЗЫНДЗЫНӔ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Йегъовӕ нын бӕллӕхты рӕстӕг куыд баххуыс кӕны?
-
Нӕ бон куыд у нӕхи бӕллӕхтӕм бацӕттӕ кӕнын?
-
Цавӕрдӕр бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?