Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ ныхас-иу райдай, фӕстаг рӕстӕг цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй

Дӕ ныхас-иу райдай, фӕстаг рӕстӕг цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй

Исты хъуыды бамбарын кӕныны тыххӕй-иу Йесо спайда кодта, ӕрӕджы-иу чи ’рцыд, уыцы хабӕрттӕй (Лк 13:1–5). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у уацамынды, фӕстаг рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй искӕцыйы кой скӕнын, цӕмӕй адӕймаджы бацымыдис кӕнай ӕмӕ йӕ хорз хабармӕ байхъусын бафӕнда. Зӕгъӕм, дӕ бон у ской кӕнын, ӕргътӕ уӕлӕмӕ кӕй хизынц, цавӕрдӕр ӕрдзон бӕллӕх кӕй ӕрцыд, кӕмдӕр змӕстытӕ кӕй цӕуы кӕнӕ наркотиктӕ чи кӕны, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц. Стӕй йӕм дӕ бон у раттын, хъуыдытыл ӕй чи бафтауа, ахӕм фарста, зӕгъӕм: «Искуы ахӕм хабӕрттӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?» кӕнӕ «Искуы цард фӕхуыздӕр уыдзӕн?» Стӕй йын бакӕс темӕимӕ баст стих. Кӕд адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда, уӕд-иу ын йе ’ргом раздах нӕ видеороликтӕй искӕцымӕ кӕнӕ нӕм иннӕты ахуыр кӕнынӕн цы публикацитӕ ис, уыдонӕй искӕцымӕ. Нӕ нысан у адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын. Цӕй уӕдӕ, «хорз хабары тыххӕй», нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм! (1Кр 9:22, 23).

Уӕ территорийы адӕмы цавӕр фарстатӕ цымыдис кӕнынц?