Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Давид хъуыды кӕны, Йегъовӕ йемӕ цы бадзырд скодта, ууыл

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Йегъовӕ Давидимӕ бадзырд скодта

Йегъовӕ Давидимӕ бадзырд скодта

Йегъовӕ Давидӕн загъта, йӕ хӕдзарвӕндаг ын «паддзӕхты хӕдзарвӕндаг кӕй скӕндзӕн» (2См 7:11, 12; w10 1/4 20 ф., 3 абз.; кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл).

Йегъовӕ Давидимӕ цы бадзырд скодта, уымӕн йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ сӕххӕст сты Мессийӕйыл (2См 7:13, 14; Дзт 1:5; w10 1/4 20 ф., 4 абз.).

Мессийӕйы хицаудзинад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдон уыдзысты ӕнустӕм (2См 7:15, 16; Дзт 1:8; w14 15/10 10 ф., 14 абз.).

Хур ӕмӕ мӕй сты ӕвдисӕнтӕ, Мессийӕ ӕнустӕм кӕй уыдзӕн хицау, уымӕн (Пс 89:35–37). Куы сӕм фӕкӕсыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы дӕу дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдоныл.