Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Давид Голиафы акомкоммӕ лӕууы

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»

«Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»

Давид Йегъовӕйы хорз кӕй зыдта ӕмӕ йын йе ’ххуыс кӕй уыдта, уымӕ гӕсгӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд (1См 17:36, 37; wp16.5 11 ф., 2, 3 абз.).

Давид йӕхи Голиафимӕ нӕ барста, фӕлӕ хъуыды кодта, Голиаф Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ цӕйас уыд, ууыл (1См 17:45–47; wp16.5 11, 12 фф., 8, 9 абз.).

Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Давид йе ’знагыл фӕуӕлахиз (1См 17:48–50; wp16.5 12 ф., 4 абз.; кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл).

Хатт стыр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Гӕнӕн ис, нӕ фӕдыл зилынц кӕнӕ та архайӕм цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзыныл. Фӕлӕ нӕм нӕ зындзинӕдтӕ цыфӕнды стыр ма кӕсой, уӕддӕр Йегъовӕйы ӕгӕрон хъаруимӕ абаргӕйӕ гыццыл сты (Иов 42:1, 2).