НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
Давид Голиафыл фӕуӕлахиз, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы (1См 17:45). Йегъовӕйы фӕнды йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты тыххӕй дӕр йӕ хъару равдисын (2Аз 16:9). Нӕ ныфс нӕ фӕлтӕрддзинадыл ӕмӕ нӕ курдиӕттыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
-
Арӕх кув. Хуыцаумӕ-иу кув, куы фӕрӕдийыс ӕмӕ дзы хатыр куы фӕкурыс, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ дын фӕрӕдийынӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд дӕр (Мф 6:12, 13). Стӕй йӕм кув, уынаффӕ куы рахӕссыс ӕмӕ дзы арфӕдзинад куы фӕкурыс, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ дӕр, ӕмӕ дзы зонд кур (Иак 1:5).
-
Ӕдзух Библи кӕс ӕмӕ йӕ иртас. Библи алы бон дӕр кӕс (Пс 1:2). Цы адӕймӕгты кой дзы ис, уыдоны цӕвиттонтӕ дын зондзонӕн куыд сты, ууыл-иу хъуыды кӕн (Иак 1:23–25). Дӕ ныфс дӕ фӕлтӕрддзинадыл ма дар, фӕлӕ-иу дӕхи уацамындмӕ бацӕттӕ кӕн. Цӕмӕй дын ӕмбырдтӕ фылдӕр пайда хӕссой, уый тыххӕй-иу ӕрмӕгмӕ рагацау лӕмбынӕг ӕркӕс.
-
Йегъовӕйы организациимӕ ӕмгуыст кӕн. Нӕ организаци нын цы ног амындтӕ ратты, уыдонмӕ-иу дӕ хъус дар ӕмӕ-иу уыдонмӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архай (Нм 9:17). Хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм хъус (Дзт 13:17).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «КӔД НӔ ФӔДЫЛ ЗИЛЫНЦ, УӔДДӔР НӔ ТӔРСЫН НИЦӔМӔЙ ХЪӔУЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
• Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цӕмӕй тарстысты?
• Цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаиккой?