Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй (Мф 22:37, 38). Библи чи ахуыр кӕны, уый Йегъовӕйы куы бауарза, ӕрмӕстдӕр уӕд суыдзӕн йӕ бон йӕ цард аивын ӕмӕ зындзинӕдты фидар фӕлӕууын (1Ин 5:3). Ӕмӕ Йегъовӕйы куы уарза, уӕд ӕй бафӕнддзӕн донаргъуыд райсын.

Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн баххуыс кӕн, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уый бамбарын. Ахӕм фарстатӕ-иу ӕм ратт: «Йегъовӕйы тыххӕй ногӕй цы базыдтай? Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?» Ӕмбарын ын кӕн, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны (2Аз 16:9). Радзур-иу ын, Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты ӕмӕ йын зӕгъ, цӕмӕй-иу уый дӕр бафиппайа, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый Йегъовӕйы уарзтӕн кӕй аргъ кӕны ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕй кӕны, уый куы фӕуынӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КӔИМӔ АХУЫР КӔНУТ, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ХӔЛӔРТТӔ СУОЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Джейд цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлд?

  • Нитӕ Джейдӕн куыд баххуыс кодта?

  • Джейд уыцы фӕлварӕны сӕрты куыд ахызт?