НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ацы дунейы кӕронмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм
Йегъовӕйы фӕразондзинадӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ацы дуне фесафдзӕн. Мӕнг динтӕ сӕфт ӕрцӕудзысты, ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн ӕмӕ Йегъовӕ фыдгӕнджыты Армагеддоны фесафдзӕн. Мах уыцы хабӕрттӕм тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр бӕллӕхы тыххӕй алцыдӕр нӕ зонӕм. Зӕгъӕм, нӕ зонӕм, кӕд райдайдзӕн ӕмӕ хицауӕдтӕ сӕхи мӕнг динтыл цы ’фсонӕй ныццӕвдзысты, уый. Стӕй нӕ зонӕм, хицауӕдты цӕдис сӕхи Хуыцауы адӕмыл куы ныццӕвой, уӕд уый цас ахӕсдзӕн ӕмӕ цытӕ цӕудзӕн. Уӕдӕ, Йегъовӕ фыдгӕнджыты Армагеддоны куыд фесафдзӕн, уый дӕр нӕ зонӕм.
Фӕлӕ нын Библи ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсӕм. Мах зонӕм, фӕстаг бонтӕн сӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм (2Тм 3:1). Хицауӕдтӕ динты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд уыцы рӕстӕг «фӕцыбыр уыдзӕн», цӕмӕй раст дин дӕр ма фесафой (Мф 24:22). Зонӕм ма, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн (2Пт 2:9). Стӕй ма зонӕм, Йесо кӕй у рӕстаг ӕмӕ тыхджын. Ӕмӕ йын Йегъовӕ бахӕс кодта, цӕмӕй фыдгӕнджыты фесафа ӕмӕ тынг бирӕ адӕмы Армагеддоны бахъахъхъӕна (Рар 19:11, 15, 16).
Фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоны тыххӕй адӕм «фыртӕссӕй... зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты». Фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ адӕмы куыд ирвӕзын кодта ӕмӕ фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый. Уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕхи сӕмраст кӕнын ӕмӕ нӕ сӕртыл схӕцын, уымӕн ӕмӕ нӕ «ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лк 21:26, 28).