НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ахсджиаг хъуыддӕгтӕ афоныл араз
Йегъовӕ Ииуйӕн Ахавы хӕдзарвӕндаг фесафын куы бахӕс кодта, уӕд Ииуй фӕстӕ нӕ кодта (2Пд 9:6, 7, 16). Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, «цалдӕр азы фӕстӕ райсдзынӕн донаргъуыд», «тагъд райдайдзынӕн Библи алы бон дӕр кӕсын», «куыддӕр хуыздӕр куыст ссарон, афтӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдайдзынӕн». Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгты фӕстӕ ма кӕнӕм.
Ацы стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ахсджиаг хъуыддӕгтӕ афоныл аразӕм?