Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕйӕн нӕ куывдтытӕ зынаргъ сты

Йегъовӕйӕн нӕ куывдтытӕ зынаргъ сты

Йегъовӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм куывд абарӕн ис, кувӕндоны-иу кӕй ссыгътой, ахӕм хӕрздӕф будимӕ (Пс 141:2). Кӕй йӕ уарзӕм, уый йын куы фӕдзурӕм, разамынд дзы куы фӕкурӕм, стӕй йын нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕнӕм, уыдӕттӕ куы радзурӕм, уӕд равдисӕм, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕмбырды кӕй фӕкувӕм, уый нӕ лӕггадмӕ хауы. Ӕмӕ кӕд уыцы куывдтытӕ цыбыр вӕййынц, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ ахсджиагыл нымайы. Уӕдӕ йӕм нӕхӕдӕг фылдӕр рӕстӕг куы фӕкувӕм ӕмӕ йын, нӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый куы радзурӕм, уӕд ын уый та хӕрзаг куыд ӕхсызгон вӕййы! (Ӕм 15:8).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЦАРДЫ МЫН КУВЫНӔЙ АХСДЖИАГДӔР НИЦЫ ИС» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ӕфсымӕр Джонсон Йегъовӕйы организацийы цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кодта?

  • Ӕфсымӕр Джонсон кӕй куывта, уый йын куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтаид?

  • Ӕфсымӕр Джонсоны хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?