Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбон нӕ ферох кӕндзӕн

Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбон нӕ ферох кӕндзӕн

Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нын иннӕтӕ нӕ фыдӕбонӕн нӕ аргъ кӕнынц кӕнӕ та сӕ нӕ хорздзинӕдтӕ уайтагъд ферох вӕййынц. Йегъовӕ та нын нӕ фыдӕбонмӕ цы цӕстӕй кӕсы? Зӕрдиагӕй йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн аргъ кӕны. Уый нын нӕ фыдӕбон никуы ферох кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд не ’нӕниздзинады тыххӕй нӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ нӕ ныууадздзӕн (Дзт 6:10).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ НӔ НӔ ФЕРОХ КОДТА» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ӕфсымӕр Хибшман Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кодта?

  • Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Йегъовӕ ӕфсымӕр Хибшманы кӕй нӕ ферох кодта, йӕ бинойнаг куы фӕзиан ӕмӕ йыл азтӕ сӕ уӕз куы ӕруагътой, уӕд?

  • Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ӕфсымӕр Хибшман ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ уыд амондджын ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд? (Ӕм 10:22)