ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Ӕппӕт хъарутӕй архай, ӕмӕ арфӕгонд уыдзынӕ
Елисей паддзах Иоасӕн загъта, цӕмӕй равдыстаид, Израил Сирийы ӕфсад куыд ныддӕрӕн кӕндзӕн, уый (2Пд 13:15–18).
Иоас ӕппӕт хъарутӕй кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй йын тохы бирӕ нӕ бантыст (2Пд 13:19; w10 15/4 26 ф., 11 абз.).
Йегъовӕ арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн (Дзт 11:6; w13 1/11 11 ф., 5, 6 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй Библи кӕсон, ӕмбырдтӕм цӕуон ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы архайон?»