Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Рӕдауӕй дӕттут

Рӕдауӕй дӕттут

Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг рӕдау куы вӕййы, уӕд ӕй иннӕтӕ дӕр бафӕзмынц (Лк 6:38). Ӕдзух хорздзинад куы аразай, уӕд дӕумӕ кӕсгӕйӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр бафӕнддзӕн, цӕмӕй уой хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау.

Рӕдаудзинад зӕрдиагӕй кӕй ӕвдисӕм, уый дӕр хауы нӕ лӕггадмӕ. Йегъовӕ фӕуыны, ӕххуысхъуаг чи у, ахӕм адӕймаджы фарсмӕ чи балӕууы, уыдоны ӕмӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй сӕ схорзӕхджын кӕндзӕн (Ӕм 19:17).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БУЗНЫГ СТӔМ УӔ РӔДАУДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Мысайнӕгты фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм?

  • Дарддӕр дӕр рӕдау цӕмӕн хъуамӕ уӕм, нӕ бон бирӕ дӕттын куы нӕ уа, уӕддӕр? (Ноджыдӕр ма кӕс статья «Хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм фӕкӕсынц» сайты jw.org.)